Ӕртæ авари æмæ æртæ фæцæфуæвæджы: Хуссар Иры МХМ къуырийы уавæры тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъæнæг уагдоны радзырдтой республикæйы криминогенон уавæры тыххæй 6-13 январы

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны æрцыд æртæ аварийы, уыдон фæстиуæгæн зиан баййæфтой æртæ адæймаджы. Уый тыххæй Sputnik радзырдтой республикæйы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы.

Хуссар Иры МХМ кусджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ кусджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ

Уымæй дарддæр ма, нывæзтон рейдон мадзæлтты рæстæджы МХМ кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 225 фæткхæлды. Цыппар шофыры скъæрдтой хæдтулгæтæ нозтджынæй.

Уагдоны ма бафтыдтой, ивгъуыд къуыри фыдракæндтæ кæй не 'рцыд, фæлæ алыгъуызон фæткхæлдты тыххæй бæрнмæ æркодтой цалдæр адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0