Бежанты Æхсар "Булæмæргъ"-ы тыххæй: мæ радзырдыл куыстон дыууæ азы

© Sputnik / Наталья АйриянАхсар Бежанов
Ахсар Бежанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреат Бежанты Æхсар йæ радзырд "Хур куы басыгъд арты" тыххæй радио Sputnik эфиры
Бежанты Æхсар: мæ радзырдыл кустон дыууæ азы

Ивгъуыд аз хорз кæронбæттæн сарæзта литературон дунейы. 2019 азы 23 декабры Мæскуыйы, Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæварады культурон центры уагъд æрцыд цыппæрæм литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреатты хорзæхкæныны церемони. Фыццаг бынат ацы премийы райста не ‘мбæстаг, æвзонг фыссæг Бежанты Æхсар ирон адæмы геноцидыл йæ роман "Хур куы басыгъд арты"-йы тыххæй. 

"Ацы преми мын уыд фæлварæны хуызы, фæлæ уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ фыццаг бынат райсдзынæн, уымæн æмæ æз нæма мæхи фыссæгыл нæ нымайын. Мæ цинæн кæрон дæр нæ уыд, куы мын радтой ацы преми, уæд", - загъта Æхсар.
Бежанты Æхсар ма куыд банысан кодта, афтæмæй йæ радзырды сæйраг темæ у ирон адæмы геноцид - автор бафæлвæрдта сбæрæг кæнын йæ аххосæгтæ.
"Бирæтæ афтæ æнхъæлынц, æмæ геноцид у, цасдæр нымæц адæмы куы амарынц, уый. Фæлæ геноцид у, иу нацийæн йæ цардвæндæгтæ куы æрæхгæнынц алы фадыджы дæр, уый", - банысан кодта Бежанты Æхсар.
Æрвылаз дæр премийы жюрийы уæнгтæ сбæрæг кæнынц иууыл хуыздæр авторты, кæцытæ фыссынц ирон æвзагыл сæ уацмыстæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ президенты барамындмæ гæсгæ 2020 аз уыдзæн ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фæдыл мысæн аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0