Хуссар Иры фӕфылдӕр уыдзӕн гриппӕй рынчынкӕнынад ӕмвӕзад

© Sputnik / Денис Гуков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры фӕфылдӕр уыдзӕн гриппӕй рынчынкӕнынад
Хуссар Иры фӕфылдӕр уыдзӕн гриппӕй рынчынкӕнынад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы дарддӕр уадзынц мониторинг гриппӕй рынчынкӕнынады фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Ныры эпидемиологон уавӕр ӕмӕ ивгъуыд ӕзты анализмӕ гӕсгӕ, январы кӕрӕтты – февралы райдайӕны Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр уыдзӕн гриппӕй рынчынкӕнынад, хъусын кӕны Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдар Коцты Марина.

"Ныры эпидемиологон уавӕрмӕ гӕсгӕ, республикӕйы гриппӕй рынчынкӕнынады ӕмвӕзад нымайынц сезононыл. Ивгъуыд ӕзты анализ равдыста, рынчынкӕнынад кӕй фӕфылдӕр вӕййы январы кӕрӕтты – фервалы райдайӕны. Афтӕ уыдзӕн 2020 азы дӕр", - дзырдӕуы уагдоны сӕрдары хъусинаджы.

Гриппӕй рынчынкӕнынады хыгъдлӕвӕрды ма банысан кодтой, 6-12 январы республикӕйы медицинон уагдӕттӕм кӕй бадзырдтой 226 адӕймаджы, уыдоны 86 проценты сты 15 азы кары онг сывӕллӕттӕ.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны 2020 азы фыццаг дыууӕ къуыримӕ сбӕрӕг кодтой ӕнӕрынчындонон пневмонийы ӕртӕ цауы, фехъусын кодта Коцты Марина.

Ног хабӕртты лентӕ
0