Хуссар Иры азы дæргъы сцалцæг кæндзысты 8 уынджы

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Иссæйы уынг.
Плиты Иссæйы уынг. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æмткæй 2020-2022 азты капиталонæй цалцæг æрцæудзæн 25 уынджы. Уыдон арæзтад фидаргонд æрцыд 2019 азы Æхсæнхицауадон къамисы рабадты

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны 2020 азы сырæздзæнис 8 уынджы Инвестпрограммæйы фæлгæтты,  фехъусын кодта арæзтад æмæ архитектурæйы пресс-службæ.

Æмткæй 2020-2022 азты капиталонæй цалцæг æрцæудзæн 25 уынджы. Фæлæ уал ацы аз рахицæн кодтой Белинскийы, Революцийы, Табуты Родионы, Базарады, Кимы, Нæузæххонты, Плиты Ароны æмæ Хъайтарты уынджы кæрон.

"Хъайтарты уынгæй Шанхайы районмæ цы уынг цæуы, уый фæстаг 30 азы цалцæг никуы æрцыд. Уынг бынтон æдзæллаг уавæры уыд, æмæ тыхстысты канд фистæгæй цæуджытæ нæ, фæлæ машинæты хицæуттæ дæр, уæлдай тынгдæр та йæ сабиты рæвдауæндон æмæ скъоламæ æрвылбон чи кодта, уыцы ныййарджытæ. Куыд иннæ уынгтыл, афтæ ам дæр коммуникацион хæххытæ 50 азы ивд никуы æрцыдысты", - банысан кодта агентады ныхасæмбал.

Къаддæр цин нæ кæнынц Нæузæххонты уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ дæр. Уым æппыныдзух мыдыбындзытау змæлынц машинæтæ дæр æмæ фистæгæйцæуджытæ дæр. Фæндагæн йæ уæлцъар скалд, ранæй-рæтты дзыхъхъыты  машинæты цæлхытæ ныхауынц.

Къуайсамӕ фӕндаджы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндаг Къуыдаргоммæ: трассæ арæзт фæуыдзæн 2020 азы

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй уырдæм канд сæйраг фæндаг не сырæздзæн, фæлæ ма хæрзарæзт æрцæудзысты корпусты рæзтæ дæр.

"Уый размæ горæты коммуналон кусджыты руаджы район ныссыгъдæг ис, цы мæнгагъуыстытæ дзы уыд, уыдонæй. Плиты Ароны уынг кæронмæ асфальт нæ уыд, ныр уый дæр арæзт æрцæудзæн автобусы æрлæууыны онг. Арæзт дзы æрцæудзæн тротуар дæр. Уымæн æмæ уым ивд нæма сты зæххыбын цы коммуникацитæ ис, уыдон. Газ æмæ доны хæтæлтæ реконструкци куы æрцæуой, уæд æм бавналдзæн горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад", - дзырдæуы хъусинаджы.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы куыд зæгъынц, афтæмæй 2021 - 2022 æзты нывæзтмæ та хаст æрцыдысты ахæм уынгтæ: Гæззаты Валерийы, Къозоны фырты, Хъуылаты æмæ Санахъойы фыртты, Сланы фырты, Сабаны фырты, Плехановы, Мирная, Едысы, Саулохы фырты, Нарты уынгтæ, афтæ ма В. Путины уынджы кæронæй Хеиты хъæумæ цы фæндаг цæуы, уый. Хæрзарæзт æрцæудзæн Вокзалгæрон фæзуат дæр.

Ацы уынгты арæзтад фидаргонд æрцыд 2019 азы Æхсæнхицауадон къамисы рабадты.

Ног хабӕртты лентӕ
0