ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik, Годжысаты Анна. Æввахс рæстæджы Цхинвалы централон фæзуаты сног кæндзысты монтажон куыстытæ музыкалон фонтаны арæзтады фæдыл, фехъусын кодта Sputnik арæзтады министрады пресс-секретарь Тедеты Алена.
Уый банысан кодта, объекты ма ис æрмæст чысыл баххæстгæнинæгтæ, хъæуы баиу кæнын электрохызæг æмæ сæрмагонд ифтонгад.
"Плитатæ, кæцытæй бамбæрзтой фонтаны уæлцъар ногазон бæрæгбæтты рæстæджы, тагъд рæстæджы сисдзысты æмæ бавналдзысты куысытæм. Боныгъæд куы фæхъармдæр уа,уæд райдайдзысты фонтан фæлварын", - загъта уый.
Фонтан хъавыдысты эксплуатацимæ радтын паддзахадон драмон театримæ имуæ 2018 азы. Ныридæгæн арæзтады министрады ныфс дæттынц фонтан саразын апрелы 2020 азы.
Цхинвалы сæйраг фонтаны арæзтадæн ис дæргъвæтин истори - йæ алыварс ныхас æхсæнады æмæ социалон хызæджы цыд бирæ æзты дæргъы – иутæ æнхъардтой бахъахъхъæнын фонтан йæ раздæры хуызы. Фæстагмæ æрлæууыдысты нырыккон "сур" фонтаныл. 2016 азы кæронмæ Цхинвалæн ныфс дæттой саразын Цæгат Кавказы иууыл рæсугъддæр фонтан. Арæзтад бахæс кодтой цæгатирыстойнаг фирмӕ "Промикс"-æн. Фæлæ та фæстæдæр йæ арæзтад фестад татарстайнаг фирмæйы дæлбар, фонтан та кусгæйæ федтой æрмæстдæр фæлварæны рæстæджы.
Цхинвалы театралон фæзуат сæрибар никуы уыд — ам ивгъуыд рӕстӕджыты уыд цыртытæ советон фæтæгтæ Ленин æмæ Сталинæн, фæстæдæр та дзы арӕзт ӕрцыд фонтан. Фæлæ ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзтӕй фæстæмæ уый стæм хатт рухс кодта цӕрджыты зæрдæтæ йе 'хсæрдзæнтæй — фонтан-иу баиу кодтой ӕрмӕстдӕр паддзахадон бæрæгбонты рæстæджы, сабитæ-иу систой йæ разы къамтæ æмæ та-иу изæрмæ фонтан басур. 2006 азæй фæстæмæ та хæлд фонтан сыгъд театры бæстыхайимӕ иумæ раууаты хуыз дæттой горæты центрæн.