Михаил Мишустин ссис Уæрæсейы премьер

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæМихаил Мишустин ссис Уæрæсейы премьер
Михаил Мишустин ссис Уæрæсейы премьер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæй размæ Паддзахадон Думæ сразы ис Михаил Мишустины кандидатурайыл хицауады сæрдары бынатмæ

ЦХИНВАЛ, 17 янв - Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд Михаил Мишустины бæстæйы хицауады сæрдарæй снысан кæныны фæдыл. Ӕмбæлон указ мыхуыр æрцыд Кремлы сайтыл.

"Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы 83 статьяйы пункт "а" –мæ гæсгæ Михаил Владимиры фырт Мишустины снысан кæнын хицауады сæрдарæй. Барамынд йæ тыхы цæуы йæ бафыстæй", - дзырдæуы суагъæйы.

Уымæй размæ æртыццæджы Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев фехъусын кодта, хицауад æппæт скондæй кæй цæуы отставкæйы. Уый æрцыд Уæрæсейы президент Владимир Путины ныстауаны фæстæ Федералон æмбырдмæ, цы ран банысан кодта къорд фундаменталон ивындзинæдтæ, сæ нымæцы премьеры кандидатурæ фидар кæнын Паддахадон Думæйы бæрны бакæнын.

Михаил Мишустин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин банхъардта премьеры бынат Уæрæсейы ФХС хистæр Михаил Мишустинæн

Уый фæстæ Путин банхъардта бакæнын Ӕдасдзинады советы хистæры хæдивæджы бынат æмæ йæ банхъарын Дмитрий Медведевæн.

Цыппæрæмы Паддзахадон Думæ сарзы ис Путины æнхъарæныл.

Паддзахадон Думæйы Мишустины кандидатурæйыл сразы сты 383 депутаты, ныхмæ ничи схъæлæс кодта, сæ хъæлæскæныны бартæй не спайда кодтой 41 депутат. Мишустин йæхæдæг бузныг загъта Паддзахадон думæйæн æмæ баныфсæвæрдта депутаттæн апрелы йæ хыгъдон раныхасы фехъусын кæнын хицауады ног курсы тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0