Доныскъæфæны бæрæгбон донаргъуыдæй нысан кæныны традици фыццаг фæзынд Цхинвалы - фыд Иаков

© Sputnik / Наталья АйриянДоныскъæфæны бæрæгбон
Доныскъæфæны бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Доныскъæфæны бæрæгбон Хуссар Ирыстоны куыд нысан кæнынц, уый тыххæй радио Sputnik эфиры лæмбынæг радзырдта динамонæг фыд Иаков
Фыццаг Цхинвалы фæзынд традици Доныскъæфæн нысан кæнын доны аргъуыдæй

Æрвылаз дæр 19 январы æгас чырыстон дуне нысан кæны Чырыстийы Донаргъуыды бон, ирон адæммæ та  фыдæлтæй фæстæмæ баззад Доныскъæфæны бæрæгбонæй. Фыд Иаков куыд загъта, уымæ гæсгæ ацы бæрæгбонæн ис æндæр термин дæр, ома Чырыстийы æхснайд райсыны бон.

"Мах бирæ фæхъуыды кодтам, æмæ нæ фæнды ацы термин сфидар кæнын. Схуыдтам æй - Чырыстийы сыгъдæг æхснайд", - загъта Фыд Иаков.

Ацы бæрæгбон нысан гæнгæйæ, Цхинвалы фæзынд йæхи сæрмагонд традици, уыцы бон адæмы бафæнды доны аргъуыд райсын. Уый, Фыд Иаковы ныхæстæм гæсгæ у, феномен. Уый фæстæ ацы æгъдау фæзынди Дзæуджыхъæуы расткадон аргъуаны дæр.

"Махæн нæ бон нæу, цæмæй арвитæм адæймаджы, кæцыйы фæнды уыцы бон донаргъуыд райсын, уый Хуыцауы раз рæдыд у", - банысан кодта Фыд Иаков.

Чырыстийы Сыгъдæг Аргъуыд райсыны бон нымад цæуы иууыл рагондæрыл динон бæрæгбæттæй, кæцы сфидаргонд æрцыд апостолты рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0