Фӕндзӕм скъолайы ногдзаутæ бафснайдтой "Коммунисты" уæлмæрд

© Лейла ДриаеваФӕндзӕм скъолайы ногдзаутæ бафснайдтой Коммунисты уæлмæрд
Фӕндзӕм скъолайы ногдзаутæ бафснайдтой Коммунисты уæлмæрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æртæ азы размæ 5-æм скъолайы 4 "б" къласы ахуыргæнинæгты ногдзаутæм куы истой, уæд сæ къорд схуыдтой Тасойты Иналы номыл

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik, Дриаты Лейла. Ирыстоны хъайтар Тасойты Иналæн (Коммунист) йæ райгуырæн бонмæ Цхинвалы 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ бафснайдтой йæ ингæн. Январы æдзард хъайтарыл сæххæст уыдаид 59 азы.

Æртæ азы размæ 5-æм скъолайы 4 "б" къласы ахуыргæнинæгты ногдзаутæм куы истой, уæд сæ къорд схуыдтой Тасойты Иналы номыл. Сæ къласгæс Бежанты Манана куыд зæгъы, афтæмæй сабитæн сæхи фæнд уыд сæ къордæн Фыдыбæстæйы хъайтары ном радтын.

"Мах архайæм, цæмæй Иналы мад æппынæдзух уа нæ къорды хъусдарды бын. Зæгъæм, ивгъуыд аз Коммунисты хæдзары раз ныссагътам алыгъуызон дидинджытæ, бафснайдтам сын сæ кæрт. Æппынæдзух ахуыргæнинæгтæ сæ хъус дарынц Иналы уæлмæрдмæ. Мах абон сабыр арвы бын цæрæм Коммунист æмæ уый хуызæн хъæбатыр лæппуты фæрцы", - загъта Манана.

Фæндзæм скъолайы ахуыргæнинæгтæ хъæбатыр лæппуйы ингæн куы бафснайдтой, уый фæстæ сын Бежанты Мананæ Коммунисты цырты раз ауагъта патриотикон урок.

Фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коммунисты фӕдонтӕ: фӕндзӕм скъолайы ногдзауты къорд ауагъта ӕфснайӕн зиу

Ацы хъайтары биографи кæд лæмбынæг зонынц сабитæ, уæддæр ма æрæджы ахуыргæнæджы къухы бафтыд Тасойты Иналы царды тыххæй ног зонæнтæ, æмæ уыдонимæ дæр базонгæ кодта ахуыргæнинæгты.

Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты цы уæлмæрд ис, уым иууыл раздæр кæй бавæрдтой, уыдонæй сæ иу Ирыстоны хъайтар Тасойты Инал (Коммунист). Уый йæ адзал ссардта знаджы нæмыгæй, фæлæ йæ ном цæргæйæ баззад. Гуырдзыстоны æфсад куы 'рбабырстой нæ горæтмæ 1991 азы цыппурсы мæйы, уæд сæ ныхмæ тохы ссардта йæ мæлæт Коммунист. Згъудеры уæлмæрдыл знæгтæ æрхъула кодтой, мæрдтæ дæр уæлмæрдмæ нæ уагътой, æмæ уæлмæрд бар-æнæбары сарæзтой 5-æм скъолайы кæрты.

Тасойты Инал гыццылæй цы скъоламæ бацыд ахуыр кæнынмæ, æнусон æнцойад дæр уый кæрты ссардта. Цхинвалы цы уынгыл цард, уый дæр ныртæккæ хæссы хъайтары ном. 2016 азы та йын йæ хæдзарыл бакодтой мемориалон фæйнæг йæ хуызистимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0