Хуссар Иры байстой тобæгонд нозт Гуырдзыстонæй

© МВД РЮОХуссар Иры байстой тобæгонд нозт Гуырдзыстонæй
Хуссар Иры байстой тобæгонд нозт Гуырдзыстонæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады барамындмæ гæсгæ республикæйы территорийыл цæуынц рейдтæ Гуырдзыстоны уагъд алкоголон продукцийы уæй кæныны цаутæ скуынæг кæныны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Хуссар Иры Цхинвалы районы ссардтой .Гуырдзыстоны уагъд тобæгон алкоголон продукцийы 80 авджы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ. Ӕнæзаконон æгъдауæй алкоголон продукци уæй кæныны цау рабæрæг ис экономикон æдасдзинад æмæ коррупцийы ныхмæ тохы кусджыты рейдты рæстæджы.

"Криминалон милицийы дæлхайады кусджытæ Цхинвалы районы ТЭК-ы базары ссардтой Гуырдзыстоны уагъд тобæгон алкоголон продукцийы 80 авджы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Дыууæ амалиуæггæнæджы архайдтытæ хауынц административон фæткхалды цаутæм статьямæ "Незаконная продажа товаров (иных вещей), свободная реализация которых запрещена или ограничена". Фæткхалджыты тыххæй æрмæг æрвыст æрцæудзæн Цхинвалы районон тæрхондонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0