ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik, Козаты Диана. Цы у лонгрид? Куыд хъæуы саразын диссаджы хорз авторон репортаж? Куыд хъæуы сфæлындыр репортаж, цæмæй цымыдисон æмæ æнцонфæрсæн уа?
Ног азы æхсæнадæмон информацион агентад æмæ радио Sputnik адарддæр кодта рухсадон проект SputnikPro. Цхинвалы дыццæджы ацыд ног модуль, кæцыйы спикер уыд ria.ru проектты раззагон менеджерАлександр Кафидов.
Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры, цы ран ацыд продюсеримæ фембæлд, афтид бынæттæ нæ баззад. Профессионалон уынаффæтæм байхъусынмæ æрбацыдысты куыд æвæлтæрд журналисттæ, афтæ ацы къабазы бирæ æзты чи кусы, ахæмтæ дæр.
Мастер-классы рæстæджы йæ уазджытæ базыдтой мультимедион журналистикæйы ратæдзæнтæ, мультимæдион агентады уацхæссæджы куысты хицæндзинæдтæ, РИА Новости-йы видеоформаттæ æмæ мультимедион продуктты тыххæй.
Уæлдай хъусдард Александр Кафидов аздæхта лонгридтæм. йæ ныхæстæм гæсгæ, алкæцы ахсджиаг темæтæ æмæ цаутæ дæр нырыккон дуджы æвдыст æрцæуынц лонгридты руаджы.
"Фæлæ уæддæр зæрдыл дарын хъæуы, текст кæддæриддæр кæй у ахсджиагдæр", - банысан кодта уый.
Уымæй дарддæр ма спикер æрдзырдта къамы ахсджиагдзинадыл дæр - æнæ уымæй кæсæгмæ репортаж уыйбæрц цымыдисон нæ кæсы.
Кафидов канд лекци нæ каст, уый ма кодта удæгас ныхас хъусджытимæ дæр.
Тынг фæстиуæгджын мастер-класс
SputnikPro хъусджытæ адих кодтой сæ тæлмæнтæ ацæугæ мадзалæй.
"Уыд тынг продуктивон. Бирæ цыдæртæ базыдтой Уæрæсейы раззагондæр ДИФ иуы - РИА Новости-йы куысты тыххæй. Мадзал уыд тынг цымыдисон", - загъта ХИПУ журналистикæйы факультеты студенткæ Джиоты Люба.
SputnikPro-йы тыххæй
SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.
Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik-ы тыххӕй
Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.