Хӕдтулгӕтӕ ӕмӕ инструменттӕ: Бибылты Анатолий нырвыста Ленингормӕ лӕвӕрттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты хӕдзары æрмадзы хъæдæрмæгæй цы музейон экспозицитæ арæзт æрцыд, уыдон тынг фæцыдысты президенты зæрдæмæ. Уæд Бибылты Анатолий ныфс бавæрдта сабиты хъæуæг æрмæджытæ æмæ инструменттæй сифтонг кӕнынæй

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары хъомылгӕнинӕгтӕн балхӕдта хъӕдӕрмӕгимӕ куыстӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг инструменттӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ, афтӕ ма сӕ къӕбицмӕ уазалгӕнӕн блок.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Ног азы хæдразмæ бабæрæг кодта Ленингоры районы Сывæллæтты хӕдзар. Йӕ директор Гæбæраты Дзерассæ президенты базонгæ кодта, ам цы 25 сывæллоны цæры, уыдон цард æмæ ахуыры уавæртимæ, ахуырæй сæрибар рæстæг цы фæархайынц, уыдæттимæ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий Ленингоры
Хӕдтулгӕтӕ ӕмӕ инструменттӕ: Бибылты Анатолий нырвыста Ленингормӕ лӕвӕрттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Ленингоры

Сӕ æрмадзы хъæдæрмæгæй цы музейон экспозицитæ арæзт æрцыд, уыдон тынг фæцыдысты президенты зæрдæмæ. Уæд Бибылты Анатолий ныфс бавæрдта сабиты хъæуæг æрмæджытæ æмæ инструменттæй сифтонг кӕнынæй. Уый ма бабæрæг кодта Сывæллæтты хæдзары хæрæндон æмæ ныфс бавæрдта, уазалгæнæн блок сын кæй самал кæндзæнис, цæмæй дыргътæ æмæ халсæрттæ ма сæфой.

Ленингоры районы кӕронмӕ бахӕццӕ социалон объектты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы кӕронмӕ бахӕццӕ социалон объектты арæзтад

Бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд Ленингоры Сывæллæтты хæдзары, президент йæ ныхас сæххæст кодта. Ацы бонты сывæллæттæ райстой сæ æрмадзæн инструменттæ æмæ концелярон æрмæджыты комплекттæ. Ныр сабитæй алкæмæн дæр уыдзæн, сæрмагондæй йæхæдæг кæмæй архайа, ахæм кусæнгæрзтæ. Къæбицæн та уыдзæн ног уазалгæнæн блок.

Уымӕй дарддӕр ма бӕстӕйы сӕргълӕууӕг кусӕгон машинӕтӕй сифтонг кодта Ленингоры рынчындоны ӕмӕ администрацийы.

Дыууæ "Уаз" уыдзæн рынчындонæн. Машинæтæй иу лæггад кæндзæн, Цъинагары зонæйы цы хъæутæ ис, уыцы цæрджытæн. Дыккаг та Ленингормæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдонæн. "Нива" та лæвæрд æрцыд Ленингоры районы администрацийæн.

Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Виталий бузныгæй баззад президентæй.

"Сывæллæтты хæдзары кæд уазалгæнæн блок рагæй хъуыд, уæддæр директор æмæ хъомылгæнджытæ президентæй ницы куырдтой. Уый йæхæдæг бамбæрста, куы арæкæс-бакæс кодта, уæд æмæ нын мæнæ ныр нæ зæрдæтæ барухс кодта. Рынчындоны автопаркы дæр рагæй хъуыд тагъд æххуысы машинæтæ æмæ ныр уыдонæй дæр баххæст стæм", - загъта уый.

Районы хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, дæрддзæф хъæутæм рынчынтæм цæуын проблемон уыд тагъд æххуысæн - фæндæгты æдзæллаг уавæр, уæлдайдæр та зымæгон бонты, зындзинæдтæ æвзæрын кодта канд рынчынтæн нæ, фæлæ ма сæ хиуæттæн дæр.

"Ныр сæрибарæй, оперативонæй баххуысгæнæн уыдзæнис дæрддаг хъæуты рынчынтæн дæр", - бафтыдта Мамытаты Виталий.

Ног хабӕртты лентӕ
0