Цæгат Иры музыкалон хæзнадон райста УФ Минкультурæйы грант

© Sputnik / Наталья АйриянРеспубликæйы бон
Республикæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Грантты хицæутты ацы аз равзæрста Уæрæсейы Федерацийы культурæйы министрады экспертон совет

ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны æхсæнадон музыкалон фонд ссис 2020 азы сфæлдыстадон проекттæ сæххæст кæныны фæдыл Уæрæсейы хицауады грантты исджытæй иу. Гранттæ уæрста Уæрæсейы культурæйы министрады экспертон совет, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон мобилон æмхасæнты автор райста грант фæсивæдон форум "Машук"-ы

"Конкурсон æвзæрст цыд УФ барамынд "Ӕнæкоммерцион организацитæн федералон бюджетæй субсидитæ æмæ паддзахадон æххуыс грантты хуызы радтын сфæлдыстадон нывæзт сæххæст кæнынæн"-мæ гæсгæ. Гранттæ райстой фынддæс музыкалон организацийы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Грантты хицау баисты Санкт-Петербурджы паддзахадон "Театр детского балета", Костромайы областы паддзахадон филармони, Уæрæсейы композиторты цæдис æмæ "Академия музыки".

Ног хабӕртты лентӕ
0