Тыбылты Инга Цæгат Иры скъолаты дыгурон диалекты ахуырады тыххæй: хорз хъуыды у

© Sputnik / Наталья АйриянТыбылты Инга
Тыбылты Инга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгурон диалект зонын зонадон кусджытæн цы пайды хæссы, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта ХИПУ-йы ирон кафедрæйы доцент Тыбылты Инга
Тыбылты Ингæ: Цæгат Ирыстоны цыппар скъолы дыгурон диалектыл кæй ахуыр кæндзысты, уый хорз хъуыды у

Интернет-тыгъдады ацы бонты апарахат информаци, зæгъгæ, 2020 азы сентябрæй Цæгат Ирыстон – Аланийы цыппар скъолайы райдайдзысты ирон æвзаг ахуыр кæнын дыгурон литературон формæйы. Ахуыр кæндзысты фæндонмæ гæсгæ. Ацы фæндон Цæгат Ирыстоны ахуырады министрадмæ бахаста филологон зонæдты доктор, профессор Хъамболты Тамерлан.

"Æз мæхæдæг, куыд специалист, афтæ дыгурон диалект куы зонин, уæд мæ зонадон куыст æнцондæр цæуид. Ссарин дыгурон диалекты дзырдæн йæ лексикон нысаниуæг æмæ йын эквивалент дарддæр агурин æрвадæлон æвзаджы, сæйраджыдæр ирайнаг æвзаджы", - банысан кодта Тыбылты Инга.

Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, фыдæлты æвзаг дзæбæх куы зонай, уæд нырыккон æвзагыл æнцондæр у кусын.

"Хъамболты Тамерлан зæгъы, зæгъгæ, диалект бахъахъхъæнын хъæуы, æмæ уый раст хъуыды у, уымæн æмæ ирон диалектмæ абаргæйæ дыгурон фæкъаддæр ис йæ рæзты", - загъта доцент.

Дыгурон диалектыл фыссынад фæзынд 19 æнусы, ирон æвзаджы уырыссаг графикон алфавит куы фæзынд, уæд. Фæлæ, куыд фæстагмæ, афтæ ирон диалектыл фыссынад фæарæхдæр ис. Советон Цæдисы рæстæджы, суанг 1937 азы онг дыгурон нымад цыдис хицæн æвзагыл, фæлæ йæ уый фæстæ схуыдтой контреволюцион æмæ фæстæмæ хаст æрцыд ирон æвзаджы диалектмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0