ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалы Хъоцыты Къоста ӕмӕ Октябры уынджы алвӕндагыл майрӕмбоны райсом ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау.
Столицӕйы дысон ӕруарыд ацы зымӕджы фыццаг мит, уый фӕстиуӕгӕн горӕты уынгтӕ сты бырынцъаг.
Аварийы бынатмӕ ӕрбацыдысты Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ. Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
Мидхъуыддӕгты министрады информацимӕ гӕсгӕ, майрӕмбоны ӕндӕр фӕндагон-транспортон цаутӕ столицӕйы не рцыд.
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы
Цхинвалы сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы
© Sputnik / Наталья Айриян