Джиоты Къоста: Порталы иууыл фыццаг хъуамæ айхъуыса зард

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Къоста
Джиоты Къоста  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Портал саразыны фæнд куыд фæзынд фæсивæдмæ æмæ ныр цы уавæры сты арæзтадон куыстытæ, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта Джиоты Къоста
Джиоты Къоста: Порталы иууыл фыццаг хъуамæ айхъуыса зард

Нæ горæты фæсивæды къорд сфæнд кодта саразын аивадон фæз, кæцы хонынц Портал. Уыцы бынаты æмбырд кæндзысты курдиатджын æвзонг адæм. Портал саразыны фæнд фæсивæды хъуыдымæ æрцыд Дзæуджыхъæуы куы федтой ахæм порталы фæзынд, уæд. Ирæтты уынджы цы бæстыхай равзæрстой, уый бирæ рæстæг уыд æдзæрæг, уымæ гæсгæ дзы ис бирæ аразинæгтæ. Æвзонг адæм сæхи æхцайы фæрæзтæй æрæвнæлдтой ацы бæстыхай цалцæг кæнынмæ, фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон не 'сфаг сты, цæмæй кæронмæ бакæной сæ арæзтадон куыстытæ.

"Ахуырады министрадмæ ис программæ "Рæзгæ фæлтæры монон-фæткон хъомылад" æмæ уый фæлгæтты фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитетмæ бавдыстам проект, æмæ рамбылдтам грант 400 мин сомы. Аз æмæ æрдæджы бæрц нæ бон нæ уыд райсын ацы æхцайы фæрæзтæ. Иу мæйы размæ æхца нæ къухы бафтыд æмæ нæ арæзтадон куыстытæ сног кодтам", - загъта Джиоты Къоста.

Къостайы ныхæстæм гæсгæ, порталы арæзтад тынг хъæуы нæ адæмы. Уым уыдзæн гæнæн ауадзын равдысттæ, поэтикон æмæ аивадон изæртæ.

"Ныфс нæ ис æмæ уалдзæгмæ фæуыдзыстæм куыстытæн сæ фылдæр хай", - банысан кодта Къоста.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ порталы бæстыхай равзарыны бар радта бæстæйы президент Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0