Хуссар Иры ӕрцахстой ингӕндавджыты

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры ӕрцахстой ингӕндавджыты
Хуссар Иры ӕрцахстой ингӕндавджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлмӕрдӕй ӕрмӕджытӕ давыны зӕрдӕхсайгӕ адӕмы ӕрцахстой мидхъуыддӕгты горӕттаг управленийы кусджытӕ, кӕцытӕ патрулы рӕстӕджы баурӕдтой ӕмӕ басгӕрстой сӕ хӕдтулгӕ

ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ӕрцахстой столицӕйы дыууӕ цӕрӕджы, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайдта Цхинвалы районы уӕлмӕрдӕй ингӕнты хӕйттӕ адавынмӕ, фехъусын кодта къуырисӕры МХМ пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры ӕрцахстой ингӕндавджыты
Хуссар Иры ӕрцахстой ингӕндавджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой ингӕндавджыты

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мидхъуыддӕгты горӕттаг управленийы кусджытӕ патрулы рӕстӕджы баурӕдтой хӕдтулгӕ ВАЗ-21074, йӕ басгӕрсты рӕстӕджы уым разынд хуызджын металлӕй фӕлындӕнтӕ.

"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн рабӕрӕг, фыдгӕнджытӕ уыцы фӕлындӕнтӕ кӕй рафтыдтой Цхинвалы районы уӕлмӕрды ингӕнтӕй", - банысан кодтой хъусинаджы.

Хӕдтулгӕйы шофыр ӕмӕ йӕ пассажир - Цхинвалы 58-аздзыд ӕмӕ 28-аздзыд цӕрджыты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ баппӕрстой Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты управленийы рӕстӕгмӕдарӕн камерӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0