ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) къуырисӕры ауагъта уагдоны хыгъдлӕвӕрдон коллегийы 2019 азӕн, цы ран хайад райстой президент Бибылты Анатолий, премьер-министр Пухаты Эрик ӕмӕ Ӕдасдзинады советы секретарь Уалыты Валерий.
УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт радзырдта уагдоны дӕлхайӕдты куысты тыххӕй. Уый ӕрхаста зынгсирвӕзтты, афтӕ ма ӕндӕр уӕлвӕткон цауты статистикӕ, кӕцытӕ аиуварс кӕныны хайад истой УУМ кусджытӕ.
Цоциты Азӕмӕты сӕйраг хъусдард здӕхт уыд газӕй фӕхъӕстӕйы цаутӕм. Министр бахахх кодта, ивгъуыд аз ацы цауты фӕдыл кӕй басгӕрстой 113 бирӕфатерон хӕдзары.
Республикӕйы президент ралӕууыд УУМ кусджыты раз ӕмӕ сын бузныг загъта сӕ куысты тыххӕй.
"Сымахӕн ис тынг бӕрнон куыст. Сымах ирвӕзын кӕнут, ӕххуыс кӕнут ӕмӕ рагфӕдзӕхст кӕнут уӕлвӕткон цаутӕ", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Бибылты Анатолий дӕр бахахх кодта, сӕйраг хъусдард здӕхт кӕй хъуамӕ уа газӕй фӕхъӕстӕйы цаутӕм.
"Хъӕуы саразын анализ, басгарын газон хӕдзарад. Хъӕуы басгарын ӕрмӕст муниципалон нӕ, фӕлӕ хисӕрмагонд хӕдзӕрттӕ дӕр", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Афтӕ ма президент ӕрсидт цӕстдарын ӕндӕр ахсджиаг проблемӕмӕ – зынгсирвӕзттӕм хӕдзӕртты.
Иумӕйагӕй Бибылты Анатолий райгондӕй баззад уагдоны куыстӕй.
"Зонын ӕй, кӕй ис проблемӕтӕ, кӕцытӕ баст сты чысыл мыздимӕ, пенситимӕ. Ӕмӕ мӕ фӕнды фидарӕй зӕгъын, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад кӕй аразы ӕмбӕлгӕ къахдзӕфтӕ ацы фарстытӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн", - радзырдта президент.
Афтӕ ма уый ӕрныхас кодта УУМ ног кусджытимӕ, кӕцыты райстой куыстмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы профилон университетты ахуыры фӕстӕ.