Ног уӕлахизтӕм: Дзабиты Денис цӕттӕ кӕны ӕппӕтуӕрӕсейон турнирмӕ менталон арифметикӕйӕ

© Из архива Заиры СугаровойДзабиты Денис
Дзабиты Денис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд аз, декабры, Дзабиты Денис рамбылдта бронзӕйон майдан дунейы чемпионаты менталон арифметикӕйӕ Камбоджайы

ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Козаты Диана. Дунейы чемпионаты призер менталон арифметикӕйӕ Дзабиты Денис февралы хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты. Уый тох кӕндзӕн цалдӕр сӕдӕ хайадисӕгимӕ Уӕрӕсейы алыгъуызон регионтӕй, радзырдта Sputnik генийы мад Пухаты Ирина.

Менталон арифметикӕйы скъола Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Схъомыл кӕнын чысыл гениты: Цхинвалы бакодтой менталон арифметикӕйы скъола

Хуссар Ирыстоны цӕрӕг Дзабиты Денис декабры бацахста ӕртыккаг бынат дунейы чемпионаты менталон арифметикӕйӕ UCMAS, кӕцы ацыд горӕт Пномпены, Камбоджа. Дзӕуджыхъӕуы менталон арифметикӕйы скъола "Тесла"-йы ахуырдзау тох кодта дунейы тыхджындӕр сывӕллӕттимӕ. Иумӕйагӕй чемпионаты хайад истой цыппар мин сывӕллоны дунейы 47 бӕстӕйӕ.

"Ерыстӕ ацӕудзысты февралы райдайӕны Мӕскуыйы. Хайад дзы райсдзысты 500 сывӕллонмӕ ӕввахс. Уыдзӕн дзы ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр Хуссар Ирыстонӕй", - загъта Ирина.

Денис цӕттӕ кӕны Дзӕуджыхъӕуы, уый ӕрвылбон цӕуы скъоламӕ, цы ран уагъд цӕуынц къордон ерыстӕ.

Ерыстӕ ацӕудзысты 8 февралы Мӕскуыйы Уӕлахизы музейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0