Плиты Вадим: Цъоны бырæн дæлвæз фидæны суыдзæн æцæг зымæгон курорт

© Sputnik / Наталья АйриянВадим Плиты
Вадим Плиты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цъоны зымæгон бырæн дæлвæз ацы аз куыд кусы, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты кусæг Плиты Вадим
Плиты Вадим: Цъоны бырæн дæлвæз фидæны суыдзæн æцæг зымæгон курорт

Хуссар Ирыстоны Цъоны хъæуы ныр дыккаг аз уæвы бырæн дæлвæз. Кæд Цъоны дæлвæз зымæгон курорты домæнтæн æмбæлон дзуапп нæма дæтты, уæддæр улæфт бонты республикæйы цæрджытæ сæ рæстæг кæм арвитой, уый сын ис.

"Ацы къуылдым акодтам дыууæ дихы. Иуæн йæ дæргъ у 900 метры, иннæмæн та 50 метры, уырдыгæй дзоныгътыл рабырынц сывæллæттæ", - банысан кодта Вадим.

Вадим ма куыд радзырдта, афтæмæй сæхимæ ис прокаты къахдзоныгътæ æмæ хуымæтæг дзоныгътæ, уымæ гæсгæ улæфджытæй ничи баззайдзæн фæсфæд.

"Нæхæдæг куыд æххæсæм, афтæ ахуыр кæнæм адæмы къахдзоныгътыл бырын, æмæ ма нæ бон у, сноубордыл кæй фæнды, уыдон дæр сахуыр кæнæм", - загъта Плиты Вадим.

Цъоны зымæгон дæлвæз кæд цадæггай рæзы, уæдтæр йæ организаторты ис ныфс, фидæны дзы кæй фæзындзæн хуыздæр уавæртæ æмæ уыцы бынат суыдзæн æцæг зымæгон курорт.

Ног хабӕртты лентӕ
0