Сидахъты Зауырбег хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Рафыссын
Европӕйы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн 10-16 февралы Римы (Итали), ирон спортсмен архайдзӕн 74 килограммы уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Сидахъты Зауырбег Цӕгат Ирыстонӕй хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты февралы, фехъусын кодта РИА Новости Уӕрӕсейы сӕйраг тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Тедеты Дзамболат.

Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 майданы Гран-при Иван Ярыгин-2020 турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 майданы "Гран-при Иван Ярыгин-2020" турниры

Европӕйы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн 10-16 февралы Римы (Итали), ирон спортсмен архайдзӕн 74 килограммы уӕзы категорийы.

"Къуырисӕры нын райдайдзысты ахуырадон тренировкӕты рӕвдзытӕ. Ярыгины мысӕнӕн турниры уӕлахиздзаутӕ, 57, 74 ӕмӕ 97 килограммы уӕзы категорийӕ дарддӕр, хайад райсдзысты Европӕйы чемпионаты. Кӕронбӕттӕн скъуыддзаг рахӕсдзӕн тренерты совет рӕвдзыты рӕстӕджы", - загъта Тедеты Дзамболат.

Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер бафтыдта, рӕвдзытыл ацы спортсментӕ куы равдисой сӕ цӕттӕдзинад майдантыл тох кӕныны, уӕд ацӕудзысты Европӕйы чемпионатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0