МХМ хистæр: Хуссар Иры "вор в законе"-тæн нæй уæвæн

© Sputnik / Наталья АйриянНаниты Игорь
Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъæнæг уагдоны хистæр йæ пресс-конференцийы Sputnik радзырдта фыдракæндты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 30 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь фехъусын кодта, Хуссар Иры кæй нæй æмæ нæ уыдзæн "вор в законе"-тæ.

Агентад Sputnik-ы пресс-центры цыппæрæмы ацыд мидхъуыддæгты министры пресс-конференци. Наниты Игорь журналистты цыбыртæй базонгæ кодта 2019 азы куысты тыххæй æмæ радзырдта наркотикты зилдухы æмæ æнæзаконон хæцæнгарзы ныхмæ тохы тыххæй.

"Фидарæй дзурын, Хуссар Иры "вор в законе", науæд æндæр æнæмбаргæ тыхтæ нæй. Нæ сæйраг хæс у ахæм фæзындты ныхмæ тох. Куысты æнтыст бирæ бæрцæй баст у æппæт тыхон уагдæтты æмгом куыстимæ, уый дæтты æвæрццаг æндæвдад", - загъта Наниты Игорь.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, 2019 азы Хуссар Иры кæй æрурæдтой фæткхалджыты къорд, кæцытæ азым цыдысты давд, тыхæй исын æмæ адæймаджы адавыны хъуыддаджы. Министры ныхæстæм гæсæгæ уый дæр бандæвта, Хуссар Иры "вор в законе"-тæ кæй нæй, ууыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0