"Мегафон-Хуссар Ирыстон" кусы ног тарифтыл республикæйы абоненттæн

© Sputnik / Наталья АйриянНог тарифон план
Ног тарифон план - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Компани "Остелеком" (Мегафон-Хуссар Ирыстон) ацы азы райдианы нывæнды ног тарифон плæнтты рацыд

ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны иунæг чырон оператор "Остелеком" (Мегафон-Хуссар Ирыстон) 2020 азы фыццаг кварталы рауадздзæн цалдæр тарифы æнæ æнæмæнг интернетимæ, уымæ гæсгæ сæ аргъ уыдзæн зынгæ къаддæр. Уый тыххæй дзырд цыд сæудæджерад, арæзтад, транспорт æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты рабадты.

Раздæр республикæйы абонеттæй бирæтæ хъаст кодтой чырон операторы лæггæдтæй, уæлдайдæр та æрмæстдæр интернетимæ номыртæ куы райдыдтой уæй кæнын, уый фæстæ.

 Мегафон-ы ног тарифты презентаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры депутаттӕ домынц "Мегафон"-ӕй ног тарифтӕ сабитӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕн

"Январы райдианты нæм æрбарвыстой фыстæг, цы ран дзырдæуы, 2020 азы фыццаг кварталы кæй рауадздзысты цалдæр тарифы æнæ интернетæй, сæ аргъ дæр уыдзæн æмбæлон", - загъта комитеты хистæр Ӕлборты Алан.

Фыстæг цас раст уыдзæн, уый тыххæй депутаттæн информаци радта РХИ бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан. Уый банысан кодта, æрæджы президент Бибылты Анатолий кæй фембæлд компанийы къухдариуæгадимæ. Фембæлды бадзырдтой, паддзахадæн ма ноджы кæй ратдзысты акциты 26 проценты, уый адыл сæм уыдзæн контролон пакет - 51 проценты.

Ӕлборты Алан равдыста ныфс, уый фæстæ бастдзинады гъæд кæй фæхуыздæр уыдзæн республикæйы.

"Президент нын бахæс кодта бакусын асламдæр тарифтыл. Мах ныртæккæ ууыл архайæм, æввахс рæстæджыты рауадздзыстæм ног тарифон план", - бахахх кодта Джиголаты Хасан.

Ног хабӕртты лентӕ
0