Цæгат Иры цæрджыты æрцахстой снюсимæ Цхинвалмæ æввахс

© МВД РЮОЦæгат Иры цæрæджы машинæйы ссардтой æууилгæ тамакойы 80-йæ фылдæр къоппы
Цæгат Иры цæрæджы машинæйы ссардтой æууилгæ тамакойы 80-йæ фылдæр къоппы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Иры цæрæджы машинæйы ссардтой æууилгæ тамакойы 80-йæ фылдæр къоппы, уыдон байстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ

ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милици æмæ наркотикон буарæдты зилдухы ныхмæ службæйы кусджытæ  æрурæдтой Цæгат Иры дыууæ цæрæджы, кæцытæм ссардæуыд æууилгæ тамако "снюс"-ы 80-йæ фылдæр къоппы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ. 

Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕны фӕстиуӕг: Цхинвалы цӕрӕг бахауд фӕндагон-транспортон цауы

Хæдтулгæ "ВАЗ-2112", кæйыцы шофыр уыд сыхаг республикæйы 25-аздзыд цæрæг, æрурæдтой Дзауы районы Гуфтайы хъæуы стационарон посты. Басгæрсты рæстæджы машинæйы разынд æууилгæ тамако "снюс", сæ иу хай уыд пассажиры - уый дæр Цæгат Ирыстоны цæрæг.

"Эксперты хатдзæгмæ гæсгæ, басгæрстгонд 85 къоппы разындысты æууилгæ тамако "снюс", сæ иумæйаг уæз - 57,04 граммы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Цауы фæдыл басгæрст уадзы МХМ наркотикон буарæдты зилдухы ныхмæ службæ.

ХУссар Ирыстоны табактæ "снюс" æмæ "насвай" сты тобæгонд, фæткхалджытæм æнхъæлмæ кæсы административон бæрн ивар науæд та дыууæ мæйы æмгъуыдмæ ахæсты хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0