Цӕгат Иры эксплуатацимӕ радтой Зӕрӕмӕджы ГЭС-1

© FARNIEV KONSTANTIN/15 Регион.Цӕгат Иры эксплуатацимӕ радтой Зӕрӕмӕджы ГЭС-1
Цӕгат Иры эксплуатацимӕ радтой Зӕрӕмӕджы ГЭС-1 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Станц хъуамӕ скусын кодтаиккой 2019 азы 1 январьмӕ, фӕлӕ эксплуатацимӕ раттыны датӕ цалдӕр хатты аивтой

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны эксплуатацимӕ радтой егъаудӕр республикӕйы ӕмӕ ӕртыккаг гидроэлектростанц хъомысӕй Цӕгат Кавказы – Зӕрӕмӕджы ГЭС-1, хъусын кӕны РИА Новости.

Станц бакӕныны церемонийы хайад райстой Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Юрий Борисов, Уӕрӕсейы энергетикӕйы министр Александр Новак, Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, афтӕ ма Ростехнадзоры сӕргълӕууӕг Алексей Алешин.

Ног станцӕн уыдзӕн хорз ӕндӕвдад Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтыл. Станцы хъомыс у 346 МВТ, электроэнергийы проектон азон рауагъдад – 842 милуан кВт.ч. ГЭС-ы бӕстыхайы ис дыууӕ гидроагрегаты, кӕцыты хъомыс у фӕйнӕ 173 МВт.

"Зӕрӕмӕджы ГЭС-1 ракодта Цӕгат Ирыстоны электроэнергетикӕ ног гъӕдджын ӕмвӕзадмӕ: республикӕйы электростанцты иумӕйаг хъомыс фӕфылдӕр цыппар хатты. Зӕрӕмӕджы ГЭС-1 фӕхуыздӕр кӕндзӕн ӕппӕт Цӕгат Кавказы регионы электроифтонгад", - банысан кодта "Русгидро"-йы сӕрдар Николай Шульгинов.

Зӕрӕмӕджы ГЭС-ты арӕзтад райдыдта 1978 азы. Арӕзтад ӕрурӕдтой ӕмӕ йӕ сног кодтой ӕрмӕстдӕр 2006 азы, арӕзтадон объект "Русгидро"-йы цӕстдардмӕ куы радтой, уый фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0