ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг нозтджынӕй нӕ сырӕхст скъӕрын йӕ хӕдтулгӕ "ВАЗ-2109" ӕмӕ сӕмбӕлд "Mitsubishi Pajero"-йыл, кӕцыйыл скъӕрдта горӕты 38-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг.
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй нозтджын шофыр скъӕрдта Фыдауынгӕнджыты уынгыл. Фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты ноджы дыууӕ хӕдтулгӕйы, кӕцытӕ урӕд уыдысты фӕндаггӕрон.
"ВАЗ-2109" хӕдтулгӕйы шофыры аластой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ. Хӕдтулгӕтӕ бахъыгдард сты", - фехъусын кодтой МХМ.
© Фото очевидцаФТЦ Цхинвалы
ФТЦ Цхинвалы
© Фото очевидца
Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, аварийы аххосджын кӕй уыд нозтджын. Цауы фӕдыл уагъд цӕуы басгӕрст.