Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайад хайад райсдзӕн ахуырты "Кавказ-2020"

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайад хайад райсдзӕн ахуырыты "Кавказ-2020"
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады дӕлхайад хайад райсдзӕн ахуырыты Кавказ-2020 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стратегион командон-штабон ахуыртӕ "Кавказ-2020" ацӕудзысты 2020 азы сентябры. Иумӕйагӕй дзы хайад райсдзысты ӕфсӕддонтӕ 17 бӕстӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 6 фев - Sputnik, Чехойты Инга. Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддонтӕ хайад райсдзысты стратегион командон ахуырты "Кавказ-2020", кӕцытӕ ацӕудзысты Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгады бын. Уый тыххӕй 2019 азӕн хатдзӕгтӕ скӕныны рӕстӕджы фехъусын кодта РХИ хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕбатырдзинады тыххӕй: Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты

Ахуырты хайад райсдзӕн ӕхсыны батальон, кӕцы сарӕзтой июль-августы РХИ президенты барамындӕй ӕфсӕддон рӕвдзыты ауадзыны фӕдыл ацы аз.

Интервьюйы Sputnik Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим банысан кодта, ахӕм егъау ахуырты Гарзджын тыхты ӕфсӕддонтӕ фыццаг хатт хайад райсдзысты.

"Нӕ хайадист ахӕм ахсджиаг ахуырты фӕфылдӕр кӕндзӕн нӕ ӕфсӕдты дӕлхайӕдты ӕмархайд, фӕфылдӕр кӕндзӕн нӕ офицерты профессионалон миниуджытӕ", - загъта министр.

УФ хъахъхъӕнынады министр, ӕфсады инӕлар Сергей Шойгу банымадта ацы ахуыртӕ иууыл ахсджиагдӕр мадзалыл Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты хӕстон цӕттӕкӕнынады ацы аз. Ахуырты "Кавказ-2020" хайад райсдзысты ӕфсӕддонтӕ 17 бӕстӕйӕ.

Афтӕ ма Гассеты Ибрагим радзырдта, УФ Хъахъхъӕнынады министрадимӕ ӕмархайд кӕй ӕххӕст кодтой дыууӕварсон бадзырдты фӕлгӕтты ӕфсӕддон-техникон ӕмгуыстады фӕдыл, РХИ ӕфсӕддонты медицинон ифтонггады фӕдыл ӕмӕ ӕндӕрты.

Уымӕй дарддӕр инӕлар-лейтенант банысан кодта, ӕрвылбон кӕй ӕмгуыстад кӕнынц 4-ӕм Гвардейон ӕфсӕддон базӕйы къухдариуӕгадимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0