Владимир Путин раарфӕ кодта Бибылты Анатолийӕн йӕ юбилейы цытӕн

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий
Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы президент, хицауады сӕрдар ӕмӕ Федерацийы советы сӕрдары арфӕйы телтӕ Бибылты Анатолийӕн радта Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин барвыста арфӕйы тел хуссарирыстойнаг лидер Бибылты Анатолийӕн йӕ 50 азы юбилейы цытӕн.

"Ды хӕссыс стыр хайбавӕрд нӕ бӕстӕты хсӕн хӕларадон ахастытӕ ӕмӕ интеграцион ӕмгуыстады райрӕзтмӕ. Уырны мӕ, иумӕйаг тыхтӕй дарддӕр кӕй фидар кӕндзыстытӕм уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг бастдзинӕдтӕ алкӕцы фадыджы дӕр", - дзырдӕуы Путины арфӕйы тексты.

УФ президент арфӕйы тел Битбылты Анатолийӕн бафарста Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ. Афтӕ ма минӕвар радта УФ хицауады сӕрдар Михаил Мишустин ӕмӕ УФ Федерацийы советы сӕрдар Валентина Матвиенкойы арфӕйы телтӕ.

Бибылты Анатолий загъта бузныг арфӕтӕ ӕмӕ хъарм ныхӕсты тыххӕй.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгад Владимир Путины сӕргълӕудӕй цы хорздзинӕдтӕ аразы Хуссар Ирыстоны адӕмӕн, уый тыхххӕй", - загъта президент.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, дыууӕ бӕстӕйы хсӕн конструктивон ахастытӕ дарддӕр кӕй райтынг уыдзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0