ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Паддзахадон арӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн сӕхгӕдтой цыппӕрӕмы, 6 январы, радзырдта брифингы рӕстӕджы Sputnik пресс-центры паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.
"Сӕхгӕдтой уадзӕн пункт "Раздӕхӕн". Ӕдасдзинады советы фарон азы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, республикӕйы хицауад уадздзӕн Ленингоры цӕрджыты Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ мӕй дыууӕ хатты. Уый хауы районы цӕрджытӕм, кӕцытӕн нӕй Хуссар Ирыстон кӕнӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгад", - радзырдта уый.
Хъотайты Мария банысан кодта, арӕн гом куы уыд, уӕд Тбилисмӕ цы ӕмбӕстӕгтӕ ацыдысты, уыдоны 95% фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты Ленингоры районмӕ.
"Иннӕ хатт арӕн бакӕндзысты дыууӕ мӕйы фӕстӕ. Арӕн уыд гом январы кӕрӕттӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ хъуамӕ сӕхгӕд уыдаид 2 февралы, фӕлӕ хицауад аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын ӕмгъуыд ӕхсӕзӕм февральмӕ", - загъта комитеты сӕргълӕууӕг.
Афтӕ ма Хъотайты Мария фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕ дарддӕр кӕй бӕрӕг кӕны Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь ӕмӕ йе 'мкъай Ирина Галы амӕлӕты лыстӕгдзинӕдтӕ.
"Ацы хабар уыд тынг хъыг Хуссар Ирыстонӕн. Игорь Галь уыд тынг хорз специалист, фӕнд кодта фӕхуыздӕр кӕнын ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыг", - радзырдта Хъотайты Мария.
Уымӕй дарддӕр Хъотайты Мария радзырдта ӕххуысы тыххӕй, кӕцы сӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 2019 азы – ӕххуысы суммӕ рацыд 30 милуан сомы. Ӕхцайы фӕрӕзты фылдӕр хай хицӕн кодтой ӕххуысхъуаг бинонтӕн ӕмӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцыты хъуыд медицинон ӕххуыс.
"Хуссар Ирыстоны ӕддейӕ хоскӕнынӕн рахицӕн кодтой 10,7 милуан сомы, цӕрынӕн ӕмӕ фӕндагон хӕрдзтӕн – милуан соммӕ ӕввахс. Спортивон федерацитӕн ӕххуысӕн ӕмӕ спортсменты ерыстӕм ӕрвитынӕн та 5,7 милуан сомы", - банысан кодта Хъотайты Мария.
Афтӕ ма ӕрдӕг милуан сомӕй фылдӕр рахицӕн кодтой университеты ансамбль ӕмӕ паддзахадон ансамбль "Симд"-ӕн кафӕн формӕ балхӕнынӕн.
"Президент баххуыс кодта киностуди "Allonfilm"-ӕн дӕр, сӕ райрӕзтӕн сын рахицӕн кодта 600 мин сомы. Чингуытӕ рауадзынӕн рахицӕн кодта 1,2 милуан сомы, паддзахадон уагдӕттӕн автотранспорт балхӕнынӕн - 7,2 милуан сомы, ифтонггарз балхӕнынӕн та иу милуан ӕмӕ фондз сӕдӕ мин сомы" – банысан кодта уый.
Уымӕй дарддӕр ӕххуысхъуаг ӕмбӕстӕгтӕн цӕрӕнуат сисынӕн рахицӕн кодтой 900 мин сомы.