ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны иумæйаг ахуырадон уагдæтты карантин адарддæр кодтой 17 февральмæ, хъусын кæны "15-æм Регион" регионалон Роспотребнадзоры разамонæг Тыбылты Алан ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
Цæгат Ирыстоны иумæйаг ахуырадон уагдæттæ сты æхгæд 1 февралæй фæстæмæ.
"Хицауадмæ бахастам уынаффæ карантин иу къуырийы æмгъуыдмæ адарддæр кæныны тыххæй — хатдзæг ныффидар кæнынæн. Æххæстгонд мадзæлтты руаджы сывæллæттæ къаддæр рынчын кæнынц, рынчынты нымæц зынгæ фæкъаддæр", — загъта Тыбылты Алан.
Хуссар Ирыстоны карантины фæстæ сног кодтой сæ куыст столицæйы скъолатæ æмæ сабидæттæ, районты ма æхгæд ис 16 скъола æмæ фондз сабидон.