Сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ цæрæнуат: Знауыры район 2019 азы

© Пресс-служба правительства РЮО Сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ цæрæнуæттæ: Знауыры район 2019 азы
Сæндæттæ, дыргъдæттæ æмæ цæрæнуæттæ: Знауыры район 2019 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Знауыры районы администраци ауагъта хыгъдон æмбырд 2019 азы куысты фæдыл. Мадзалы хайад райста хицауады сæрдар Пухаты Эрик

ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры район у аграрон, цæрджыты сæйраг хайæн пайда хæссы фосдард æмæ зæххы куыст, радзырдта районы хистæр Хуыбиаты Сослан 2019 азæн хыгъд дæтгæйæ.

Гæбæраты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыр-2018: районы хистæр ӕрдзырдта афӕдзы æнтыстытыл

Ивгъуыд аз районы арендатортæ байтыдтой 75 гектар мæнæу, 652 г – хъæбæрхор æмæ 32 г та – нартхор, загъта Хуыбиаты Сослан. Хъæутæ Зæдбадæн æмæ Аунеуы ныссагътой æртæ гектар сæндæттæ. Инвестицион нывæзты фæлгæтты 19 гектарыл фæзындзæн дыргъдæттæ, уæрæх кæнынц сæ фæзуæттæ "Южный сад"-æн.

Уымæй дарддæр ма, районы администраци хицауады хæслæвæрдмæ гæсгæ рахицæн кодта инвесторæн 350 гектары æхсæр ныссадзынæн.ы

"Районы хъæууон хæдзарады куыстæн бæзгæ зæххытæ ис 16 131 гектары, уыдонæй 6 995 сты хуымæн бæзгæ, 8 649 – сæрвæттæ, 486 та – хосгæрдæнтæ", – загъта районы хистæр.

Хуыбиаты Сослан ма бафтыдта, 2018 -2019 æзты районы территорийыл кæй куыста 19 арендаторы, сæ къухы уыд 1 178 гектары тыгъдад. 21 арендаторы та сфидар кодтой бадзырдтæ 11 мæйы æмгъуыдмæ, кусынц 320 гектар зæхх.

В Знаурском районе Южной Осетии построили часовню святого Уастырджи  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры самадтой Уастырджыйы кувæндон

Инвестпрограммæ æххæстгæнгæйæ 2019 азы поселок Знауыры самадтой 18-фатерон хæдзары. Ныридæгæн арæзтадон куыстытæ фæуд кæнынц.

Хицауады сæрдар бахæс кодта дарын æппынæдзуых хъусдарды бын хъæуы цæрджыты проблемæтæ.

"Кæцыдæр хъæуты нæй нуазыны дон, аннæты та нæ фаг кæны, ацы фарст хъæуы лыг кæнын цадæггай. Хъæуы хъæуты аразын уавæртæ, цæмæй уырдæм здæхой цæрджытæ", - бахахх кодта Пухаты Эрик.

Ног хабӕртты лентӕ
0