Фыдбылызджын бынат: цæмæн цæуы æдзух аваритæ Цхинвалы алвæндæгтæй иуыл

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндаг
Джиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы цæрджытæ ацы алвæндаг хонынц мистикон бынат, ам ивгъуыд æнусы райдайæны уыд кувæндон, йæ дæлейæ та уæлмæрдтæ, шофыртæ та арæх аваритæ бæттынц светофоры хивæнд куыстимæ

ЦХИНВАЛ, 12 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæ Цхинвалы стæм къуыри ацæуы, цæмæй Джиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндагыл ма ʻрцæуа авари. Бæлццæттæ æмæ шофыртæ райсынц рог цæфтæ, хатгай бахауынц рынчындонмæ, ныппырх вæййынц хæдтулгæтæ, светофортæ, цæджындзтæ, æрцыд дзы уды зиæнттæ дæр.

Районы цæрджытæ ацы алвæндаг хонынц мистикон бынат - ам ивгъуыд æнусы райдайæны уыд кувæндон, йæ дæлейæ та уæлмæрдтæ, шофыртæ та арæх аваритæ бæттынц светофоры хивæнд куыстимæ.

"Мæхæдæг æвдисæн уыдтæн, ацы алвæндагыл æмрæстæджы дыууæ хаххыл дæр сыгъд цъæх рухс", - загъта Sputnik Диана.

Ивгъуыд къуырийы кæрон та ам сæмбæлдысты ногæй хæдтулгæтæ, дыууæ чызг-шофырæн ныппырх сты сæ машинæтæ.

"Дыууæ мæйы дæн шофыр, уымæ гæсгæ цæуын арæхстгай, фæлæ мæ уæддæр ацы алвæндагыл ныппырх кодтой. Тас, сæры скъуыд, видео ссарыны æмæ мæ рæстдзинад сбæлвырд кæнын фыдæбон мæм æрхауд", - радзырдта Элина.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндаг
Фыдбылызджын бынат: цæмæн цæуы æдзух аваритæ Цхинвалы алвæндæгтæй иуыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндаг

Алвæндагæй чысыл бындæр цæрæг æвзонг чызг Таняйы ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты æнамонд цаутæ бынæттонтæ бæттынц мистикæимæ.

"Хистæртæ арæх фæдзурынц ацы алвæндагыл арæх авариты аххосаджы тыххæй - уымæн æмæ йæ иу къуымы раздæр уыд Дзуар, чысыл бындæр та уæлмæрдтæ. Ӕдзух аваритæ хынцгæйæ, хистæрты ныхæстæм гæсгæ, иухатт сарæзтой куывд дæр", - загъта Таня.

Фыдбылызджын алвæндагæй чысыл уæлдæр цæры Дзудцаты Тамерлан дæр, уымæн йæ ныййарджытæ ам æрбынат кодтой ивгъуыд æнусы 50-æм æзты. Йæ ныхæстæм гæсгæ дæр раздæр горæт уыд Тасойты Иналы уынджы онг, дарддæр цыдысты дыргъдæттæ, уыд дзы кувæндон æмæ уæлмæрдтæ.

"Мæ ныййарджытæ хæдзар амадтой 50-æм æзты, алвæндаджы хуссар хай Сталины уынджы ʻрдæм уыд Дзуар, йæ дæлейæ та уæлмæрдтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ ам райдыдтой дих кæнын зæххы фадгуытæ, райдыдтой амайын хæдзæрттæ. Нæ зонын цæмæн, фæлæ дзы цы аваритæ фенын, уым хæдтулгæты аппары уыцы къуыммæ. 90-æм æзты ам уыд удзианимæ авари дæр, ноджы ма иу хатт та фистæгæй цæуæджы ныццавта хæдтулгæ, уый дæр фæмард", - банысан кодта Тамерлан.

Уый ма æрæмысыд хъуыстгонд таурæгъ дæр.

"Фæндзæм скъола куы амадтой, уæд иу карджын дзуттаг нæлгоймаг аразджытæм бацыд æмæ сын бауайдзæф кодта, уæлмæрды бынаты йæ кæй аразынц, уый тыххæй. Дзуттаг загъта, уым уæлмæрд кæй у æмæ уыдзæн. Йæ ныхæстæ æрцыдысты - ивгъуыд æнусы 90-æм æзты скъолайы кæртæй сарæзт уæлмæрд", - бафтыдта Тамерлан.

Мистикæ дæр хорз у, фæлæ столицæйы мэрия æмбæлон хъусдард куы дарид светофорты куыстмæ, уæд, чизоны, горæты аваритæ дæр афтæ арæх нæ цæуит. Уымæй дарддæр ма республикæйы ныр цалдæр азы биноныг кæнынц системæ "Ӕдас горæт", кæцыйы фæлгæтты хъуамæ горæты алы уынгыл дæр конд æрцæуиккой цæстдарды камерæтæ. Фæлæ хъуыддаг ныхæстæй дарддæр нæма ацыд, æмæ авариты хайадисджытæн сæ рæстдзинад æви аххосаг сбæлвырд кæнын свæййы æцæг проблемæ.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндаг
Фыдбылызджын бынат: цæмæн цæуы æдзух аваритæ Цхинвалы алвæндæгтæй иуыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Аланы проспект æмæ Тасойты Иналы уынджы алвæндаг
Ног хабӕртты лентӕ
0