Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кениямæ

© Пресс-служба Аланской епархииХуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алайнаг епархийы хистæр епископ Амвросий, протопресвитер Иаков (Хетæгкаты) æмæ иерей Симон (Гаглойты) федтой Скæсæн Африкæйы цард, ауагътой Хуыцаумæ скуывдтæ, бабæрæг кодтой моладзандонтæ æмæ скъолатæ

ЦХИНВАЛ, 12 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархийы динамонджытæ сарæзтой рæстдинон балц Скæсæн Африкæмæ. Епископ Амвросий Кенимæ цæуы æрвылаз, фæлæ ныр фыццаг хатт йемæ бамбал сты протопресвитер Иаков (Хетæгкаты) æмæ иерей Симон (Гаглойты), фехъусын кодтой Sputnik епархийы пресс-службæйы.

Балц Скæсæн Африкæйы бæстæ Кениямæ уыд январы кæрæтты. Алайнаг епархийы динамонджытæ уыдысты провинци Эмбуйы.

"Нæ бон-иу райдыдтам райсом 7 сахатыл, уагътам Хуыцауы литургитæ, стæй провинци Эмбуйы цыдыстæм моладзандонтæм æмæ аргъуантæм. Бабæрæг ма кодтам скъола æмæ аныхас кодтам сывæллæттимæ, балæвар сын кодтам дзуæрттæ æмæ уазнывтæ ", - фехъусын кодта пресс-службæ фыд Иаковы ныхæстæ.

Пресс-службæйы ма радзырдтой, уæлдай тынг динамонджытыл цы бандæвта сæ балцы рæстæджы.

© Пресс-служба Аланской епархииХуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кениямæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ

"Кенияйы æрмæстдæр фыццаг æртæ къласы сты æнæаргъæй, уый дæр стыр æнтыст у бæстæйæн, уый дæр бантыст саразын чырыстон хæрзгæнæг Иоанн Кетенгуйы фæрцы. Кæд бæстæ уадиссаджы размæцыд нæу, уæддæр сæм ис аудæгæ ахаст сæ æрдзмæ. Уым тобæгонд у пластикæй пайда кæнын. Кени у национ парктæ æмæ æвæрд бынæтты нымæцæй лидер дунейы", - бафтыдтой уым.

© Пресс-служба Аланской епархииХуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
© Пресс-служба Аланской епархииХуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
© Пресс-служба Аланской епархииХуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
1/3
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
2/3
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ
3/3
Хуссар Иры динамонджытæ сарæзтой балц Кенимæ

Республикæ Кения у Скæсæн Африкæйы бæстæ. Раздæр уый уыд Британийы колони æмæ протекторат, 1963 азы райста хæдбардзинад. Географион æгъдауæй æвæрд у паддзахæдтæ - Уганда, Эфиопи, Судан æмæ Танзанияйы хсæн. Ис ын ахизæн Индийаг океан æмæ цад Викторимæ. Бæстæйæн сæйраг пайда хæссы цай, кофе, туризм, дидинæг æмæ пайдаджын къахинæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0