Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк Сочийæ

© Из архива циркаЦхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сочийаг цирк ныр æртыккаг хатт æрцæудзæн Цхинвалмæ, ныр та уый æрхæсдзæн ног нывæзт - программæйы уыдзæн номыртæ ихыл

ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сабитæн æртæ боны дæргъы Сочийы ихын цирк ауадздзæн равдысттæ. Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ æмæ сахъат сабитæ хуынд цæуынц æнæаргъæй, фехъусын кодта Sputnik цирчы администратор Юлия Варшавская.

© Из архива циркаЦхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк Сочийæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк

Сочийаг циркæн уый уыдзæн йе 'ртыккаг æрцыд Цхинвалмæ, ныр та уый æрхæсдзæн ног нывæзт. Коллектив Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзæн Цæгат Кавказы йæ гастролон балцы фæлгæтты.

"Ӕртæ боны уыдзыстæм Цхинвалы. Алы æрцыдæн дæр бахæссæм ногдзинæдтæ нæ нывæзтмæ, номырты иу хай æвдыст цæуы ихыл. Цирчы уыдзæн ахуыр цæрæгойтæ – куыйтæ, маймулитæ, стай, енот, крокодил æмæ æндæртæ. Артистты командæйы ис 11 адæймаджы", - загъта администратор.

Уый ма банысан кодта, циркы ралæудты рæстæджы рамбулæн кæй уыдзæн призтæ дæр.

Цирк Цхинвалы уыдзæн 22-24 февралы. Равдысттæ цæудзысты культурæйы хæдзар "Совпроф"-ы.

© Из архива циркаЦхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
© Из архива циркаЦхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
© Из архива циркаЦхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
1/3
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
2/3
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
3/3
Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк
Ног хабӕртты лентӕ
0