ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Фондз боксеры Хуссар Ирыстонæй стох кæндзысты æхсæнадæмон турниры Донецкы Адæмон республикæйы. Къорды сконды сты цыппар лæппуйы боксы скъолайæ æмæ иу лæппу та спорты галуан "Олимп"-æй, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.
© Из архива тренера Ирбека КокоеваЦхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты Донецкы турниры
Цхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты Донецкы турниры
© Из архива тренера Ирбека Кокоева
Ӕхсæнадæмон турниры архайдзысты Арцах, Абхаз, ДАР, ЛАР, Уæрæсейы регионтæ æмæ Узбекистаны спортсментæ.
"Къорды сконды сты Касаты Андрей, Къæбысты Георгий, Багаты Дмитрий æмæ Коцты Алексей, ацы фæсивæд сты боксы скъолайæ, спорты галуан "Олимп"-æй та цæуы Ян Яралов. Боксертимæ цæуы тренер Плиты Азæмæт", - загъта Кокойты Ирбег.
Ӕхсæнадæмон турнир нывонд у æхсæнад "Золотые перчатки"-йы 32 азы сæххæстæн. Турнир райдайдзæн 19 февралы, хайад дзы исдзысты 2007-2006 æмæ 2005-2004 æзты гуырд спортсментæ.
© Из архива тренера Ирбека КокоеваЦхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты Донецкы турниры
Цхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты Донецкы турниры
© Из архива тренера Ирбека Кокоева