Хуссар Иры раивтой фӕндагон унитарон куыстуаты сӕргълӕууӕджы

© Пресс-служба правительства РЮО Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты хыгъдон рабадт
Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты хыгъдон рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон куыстуаты сӕргъ лӕууыд Лалыты Мурӕт – уый ацыд куыстӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтой хицауады

ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы ног генералон директорӕй снысан кодтой Мӕхъиты Семены. Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты сӕрдар Гуыззыттаты Эдуард бавдыста куыстуаты сӕргълӕууӕджы уагдоны хыгъдон рабадты рӕстӕджы.

Цхинвалы фӕндӕгты арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер-министр бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын ногарӕзт уынгты хӕрзарӕзтад

Хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй куыстуаты раздӕры хистӕр Лалыты Мурӕт ацыд куыстӕй йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ.

"Мӕхъиты Семен йӕхи равдыста ӕцӕг профессионал ӕмӕ бӕрнон кусӕгӕй, кӕцыйӕн ис стыр фӕлтӕрддзинад", - загъта Гуыззыттаты Эдуард.

Премьер-министр Пухаты Эрик, кӕцы хайад райста комитеты хыгъдон рабадты, фидарӕй загъта, ног разамонӕгӕн кӕй ис стыр фӕлтӕрддзинад фӕндагон хӕдзарады, цӕмӕй сӕххӕст кӕна йӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Мӕхъиты Семен банысан кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, алцыдӕр кӕй сараздзыстӕм, цӕмӕй фӕбӕрзонддӕр кӕна куысты ӕмвӕзад уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0