Гасситы Мурӕт нӕ ауадздзӕн йӕ дебютон тох Америкӕйы

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы раздӕры чемпион уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕт хъуамӕ ауагътаид йӕ дебютон тох суперуӕззау уӕзы

ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Инсайдер ESPN-ӕй Стив Ким ныммыхуыр кодта Twitter-ы йӕ фарсыл куырдиат уӕрӕсейаг боксеры тохы тыххӕй.

"Мӕнӕн радзырдтой, Гасситы Мурӕт кӕй нӕ тох кӕндзӕн 29 февралы боксы изӕры Фрискойы, Техасы штаты. Уымӕн фӕзынд проблемӕтӕ спарринг-партнертӕ ссарынимӕ, уый фӕдыл дебют суперуӕззау уӕзы аргъӕвтой", - ныффыста Стив Ким социалон хызӕгты.

Февралы райдайӕны Эдди Херны Matchroom Boxing фехъусын кодта, Гасситы Мурӕт цӕттӕ кӕй у рахизын тохмӕ америкӕйаг Джерри Форресты ныхмӕ Майки Гарсия ӕмӕ Джесси Варгасы андеркарды.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Зонын, мӕ бон кӕй у чемпион суӕвын": Гасситы Мурӕт йӕ тохы тыххӕй

WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ дунейы экс-чемпион фыццаг уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕт фарон апрелы ахызт суперуӕззау уӕзмӕ, фӕлӕ тренировкӕты рӕстӕджы райсгӕ травмӕты фӕстиуӕгӕн нал ауагъта тох Джоуи Давейкоимӕ, кӕцы хъуамӕ ацыдаид 27 июлы АИШ-ы.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0