Цхинвайлаг армрестлер ссис Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ фыццагады уӕлахиздзау

© 15-й Регион.Цхинвайлаг армрестлер ссис Уӕрӕсе чемпионат ӕмӕ фыццагады уӕлахиздзау
Цхинвайлаг армрестлер ссис Уӕрӕсе чемпионат ӕмӕ фыццагады уӕлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг спортсмен, кӕцы ралӕууыд 75 килограммы уӕзы категорийы, ссис Уӕрӕсейы чемпион рахиз ӕмӕ галиу къухты иумӕйаг хатдзӕгтӕм гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Европӕйы ӕртӕ хатты ӕмӕ дунейы дыууӕ хатты чемпион, хуссарирыстойнаг армрестлер Дыгъуызты Малхаз рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ фыццагад сахъат спортсменты хсӕн, хъусын кӕы 15-ӕм регион.

Хуссар Иры авд армрестлер стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирæй авд армрестлеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады

Турнир уагъд цыд Подмосковьейы, Рошалы, Дыгъуызты Малхаз дзы архайдта Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды сконды.

Хуссарирыстойнаг спортсмен, кӕцы ралӕууыд 75 килограммы уӕзы категорийы, ссис Уӕрӕсейы чемпион рахиз ӕмӕ галиу къухты иумӕйаг хатдзӕгтӕм гӕсгӕ.

"Фӕнды мӕ рахицӕн кӕнын Дыгъуызты Малхазы, кӕцыйӕн ныр цыппӕрӕм азы фӕд-фӕдыл нӕй ӕмбал Уӕрӕсейы чемпионаты", - хъусын кӕны портал УФ сгуыхт тренер Аркадий Лелаевы ныхӕстӕ.

Цӕгат Иры ӕмбырдгондӕй ма чемпионтӕ ссисты Мӕлдзыгаты Алина, Хъамболаты Артур ӕмӕ Дзугаты Марат.

Ног хабӕртты лентӕ
0