Хуссар Иры Стыр Уӕлахизы 75 азмӕ ветерантӕ райсдзысты ӕхцатӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСтыр Уӕлахизы бон
Стыр Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий традицимӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг бабӕрӕг кӕндзӕн республикӕйы ветеранты

ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik, Козаты Диана. Ветерантӕ, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, райсдзысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 75 азмӕ ӕхцатӕ, загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Ӕхцайы суммӕ нырма нӕ фехъусын кодтой, фарстыл ӕрныхас кӕндзысты хицауады.

"Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджытӕ иууылдӕр райсдзысты ӕхцатӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ Стыр уӕлахизы бонмӕ. Традицимӕ гӕсгӕ, президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кӕндзӕн хайадисджыты, аныхас кӕндзӕн семӕ ӕмӕ сын ратдзӕн лӕвӕрттӕ", - радзырдта Гасситы Дина.

Хуссар Ирыстоны ныртӕккӕ цӕры хӕсты 13 хайадисӕджы.

Акци Горсть памяти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд ветерантӕн 50 минӕй 75 мин сомы онг бафыдины тыххӕй стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн. Ацы аз ӕхцатӕ райсдзысты 1 милуан ӕмӕ 150 мин уӕрӕсейаджы. Ацы нысанӕн УФ бюджетӕй рахицӕн кодтой 71 миллиард сомы.

Ахӕм скъуыддзаг рахаста Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав дӕр. Республикӕйы къухдариуӕгад бафиддзӕн ветерантӕн фӕйнӕ 25 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0