ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы донифтонгад хуымæтæг режимы скусдзæн дыццæджы изæры, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.
Ныридæгæн "Водоканал"-ы кусджытæ архайынц "Едыс-Цхинвал"-ы хаххыл горæтмæ хæстæг хайыл лæдæрсæнтæ бандадзын.
"Столицæйы доны цухдзинад рахатыдысты æрмæстдæр микрорайонтæ – Мæскуыйаг, БАМ, Цæгаттаг æмæ Хурзæрины. Ныридæгæн кусджытæ архайынц "Едыс-Цхинвал"-ы хаххыл горæтмæ хæстæг лæдæрсæнтæ бандадзыныл. Изæрмæ хъуамæ куыстытæ балхынцъ уой", - загътой пресс-службæйы.
Столицæйы микрорайонтæ Мæскуыйаг, БАМ, Цæгаттаг æмæ Хурзæринмæ дон цæуы æдзух, дыццæджы горæты ацы хайы донифтонгад æрлæууыд изæры фондз сахатмæ.
© Пресс-служба города Цхинвал Цхинвалы администрацийы радзырдтой донифтонгады хаххыл куыстыты тыххæй
1/2
© Пресс-служба города Цхинвал
Цхинвалы администрацийы радзырдтой донифтонгады хаххыл куыстыты тыххæй
© Пресс-служба города Цхинвал Цхинвалы администрацийы радзырдтой донифтонгады хаххыл куыстыты тыххæй
2/2