Хуссар Ир Гуырдзыстонимæ арæн иууылдæр æхгæны коронавирусы тыххæй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ир Гуырдзыстонимæ арæн иууылдæр æхгæны коронавирусы тыххæй
Хуссар Ир Гуырдзыстонимæ арæн иууылдæр æхгæны коронавирусы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уынаффæ рахастæуыд Ӕдасдзинады советы рабадты, цы ран нысан æрцыд, вирус арæнмæ хæстæг кæй ис. Президенты уый банымадта Хуссар Ирæн тæссагыл

ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн арæны æппæт уадзæн пунктты æхгæды тыххæй. Уынаффæ рахастæуыд Ӕдасдзинады советы рабадты цыппæрæмы, мадзæлттæ ист цæуынц республикæ тæссаг вирус COVID-19-æй бахъахъхъæныны нысанæн.

Гуырдзыстоны 26 февралы сбæлвырд кодтой коронавирусæй фыццаг рынчын. Пациент - 50-аздзыд Гуырдзыстоны цæрæг, кæцы рцыд Иранæй. Нæлгоймаг ʻрцыд Азербайджаны ууылты.

"Вирус дунейы парахат кæны, уый æрхæццæ ис сыхаг Гуырдзстонмæ. Уый тæссаг у Хуссар Ирæн æмæ мадзæлттæ хъуамæ ист цæуой тагъд", - фехъусын кодта президент Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-секретарь Гасситы Дина.

Президент ма банхъардта Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй райсой мадзæлттæ цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн.

Кокойты Иосиф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕуын дывӕр маскӕйы: Кокойты Иосиф Шанхайы царды тыххӕй вирусы рӕстӕджы

"Мах хъуамæ æруынаффæ кæнæм республикæйы коронавирусы фæзынды рæстæджы нæ архайдтытыл æмæ структурæты æмархайдыл", - загъта президент.

Вирус COVID-19-æй республикæ бахъахъхъæныны нысанæн Ӕдасдзинады советы рабадты Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн арæны æппæт уадзæн пунктты куыст æрурмын.

Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæн æмæ Югосетпотребнадзорæн хæсгонд æрцыд бакусын уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуыстады нывæзт саразын.

Уыймæй дарддæр ма , ФХМ радтдзæн рекомендаци, цæмæй æмбæстæгтæ сæхи рæстæгмæ бахизой фæсарæнтæм цæуынæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0