ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Козаты Диана. Зынгфæдисонтæн нæ бантыст ахуыссын кæнын Цхинвалы районы хъæутæй иуы, загътой Хуссар Ирыстоны пресс-службæйы.
Раздæр уагдоны фехъусын кодтой, Хелцуайы хъæуы кæй судзы хæдтулгæ. Бынатмæ бацыд къорд.
"Хæдтулгæ Honda басыгъд цалдæр минутмæ. Амондæн, зынгирвæзты рæстæг хæдтулгæйы ничи уыд æмæ зианбайафджытæ нæй", - загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.
Зынгирвæзты аххосæгтæ иртæст цæуынц. УУМ-ы хъуыдымæ гæсгæ, хæдтулгæ ссыгъд хæлд кæй уыд, уый тыххæ.