Цхинвалы ацыд изӕр, кӕцы уыд нывонд Пастернакы сфӕлдыстадӕн

© РЦНК в г. ЦхинвалЦхинвалы ацыд изӕр, кӕцы уыд нывонд Пастернакы сфӕлдыстадӕн
Цхинвалы ацыд изӕр, кӕцы уыд нывонд Пастернакы сфӕлдыстадӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры радон хатт ацыд поэзи уарзджыты фембӕлд

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Цхинвалы ахуырдзаутӕ бабӕрӕг кодтой литературон изӕр, кӕцы уыд нывонд XX ӕнусы егъаудӕр поэт Борис Пастернакы сфӕлдыстадӕн. Фембӕлд ацыд Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры Хуссар Ирыстоны столицӕйы, мадзал сорганизаци кодта Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕхсӕнадон организаци "РОССы".

"Хӕларадон уавӕры изӕры уазджытӕ базонгӕ сты уникалон адӕймаджы биографи ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ. Фембӕлды хайадисджытӕ уыдысты сфӕлдыстадон фӕсивӕд, кӕцыты цымыдис кӕны поэзи", - дзырдӕуы уӕрӕсейаг центры хъусинаджы.

Литературон изӕры фӕлгӕтты хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ кастысты авторы ӕмдзӕвгӕтӕ.

Цхинвалы фыссынц этнографион диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фыссынц этнографион диктант

Уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры разамонӕг банысан кодта, литературон изӕры руаджы арӕзт цӕуы позитивон сфӕлдыстадон тыгъдад рӕзгӕ фӕлтӕры райрӕзтӕн.

Борис Пастернак – уырыссаг поэт, фыссӕг ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг, кӕцы райгуырд 10 февралы 1890 азы Мӕскуыйы. Уый нымад цӕуы XX ӕнусы егъаудӕр поэтыл. Фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ ныммыхуыр кодта 23 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0