Хæмыцаты Роман: Урсы Къуырийы ис æрмæстдæр урсаг хæрæн

© Sputnik / Наталья АйриянДзыкка
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нæ фыдæлтæ куыд нысан кодтой Урсы Къуыри, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта ирæтты уæлдæр советы минæвар, националон къæлиндары автор Хæмыцаты Роман
Хæмыцаты Роман: Урсы Къуырийы ис æрмæстдæр урсаг хæрæн

Ирон адæм рагæй фæстæмæ бæрæг кæнынц Урсы Къуыри. Нысангонд цæуы Стыр Комбæттæны размæ, æмæ уыцы къуырийы дæргъы ис гæнæн хæрын æрмæстдæр урсаджы хæринаг, ома: царв, цыхт, уæлибыхтæ æмæ афтæ дарддæр. Урсы Къуырийы размæ ма вæййы Фыды комбæттæн кæнæ та Галæргæвдæн, æмæ уыцы къуыри гæнæн уыд хæрын фыдызгъæл.
"Сæрд дæргъы иу нæ фыдæлтæ цы царв цагътой, уый иу хæндгуыты нывæрдтой, уыдонæй иу схицæн кодтой хæйттæ, кæй Алæрдыйæн, кæй Тутырæн. Ацы къуыри-иу байгом кодтой сæ хæндгуытæ, æмæ иу урсаджы хæринаг хордтой", - банысан кодта Роман.
Урсы Къуырийы фæстæ райдайы Стыр Комбæттæн æмæ суанг Куадзæнмæ нæй гæнæн хæрын нæдæр фыдызгъæл, нæдæр урсаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0