Тедеты Дзамболаты Александр Невскийы орденæй схорзæхджын кæныны барамынд бафыста Путин

Рафыссын
Уæрæсейы президент банысан кодта бæстæйы богалты сæйраг тренеры хайбавæрд спорты размæцыдмæ

ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд уæгъдибар хъæбысхæстæй бæстæйы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты Александр Невскийы орденæй схорзæхджын кæныны фæдыл. Ӕмбæлон барамынд мыхуыр æрцыд барадон информацийы официалон интернет-порталы.

Ирон тренер Тедеты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Дзамболат дунейы чемпионаты тыххӕй: "сыгъзæринты" æмбис сты мах

Суагъæйы нысан цæуы, хорзæх лæвæрд кæй рцыд Дзамболатæн "спорты размæцыдмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй æмæ бирæ æзты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй".

Александр Невскийы ордентæ ма райстой Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты президент Михаил Мамиашвили æмæ Новосибирскы областы хоккеы Федерацийы президент Юрий Карандин.

Тедеты Дзамболат уæгъдибар хъæбысхæстæй бæстæйы æмбырдгонды сæйраг тренерæй куыста 2001 – 2012 æзты. Уый фæстæ ацыд йæ бынатæй йæхи фæндонмæ гæсгæ. Богалты сæйраг тренер та ногæй ссис 2016 азы январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0