Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Цӕгат Кавказы фыццагады призер

© Комитет по молодёжной политике, спорту и туризму РЮОХуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Цӕгат Кавказы фыццагады призер
Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Цӕгат Кавказы фыццагады призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хъӕбысхӕсты скъолайы ӕвзонг хъомылгӕнинаг схызт кады пьедесталмӕ ӕмӕ райста балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ

ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Хуссар Ирыстонӕй Плиты Вадим рамбылдта бронзӕйон майдан Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады. Ерыстӕ ацыдысты дагестайнаг Хасавюрты, хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Цӕгат Кавказы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Цӕгат Кавказы фыццагады

Ерысты хайад истой Цӕгат Кавказы хуыздӕр спортсментӕ 16 азы кары онг. Хуссар Ирыстоны хъӕбысхӕсты скъолайы хъомылгӕнинаг архайдта 52 килограммы уӕзы категорийы.

"Вадим ауагъта 4 тохы, кӕцыты рамбылдта ӕртӕ хатт. Бронзӕйон майданыл тохы Плиты Вадим фӕуӕлахиз Дагестаны минӕварыл", - радзырдта спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Плиты Вадим схызт кады пьедесталмӕ ӕмӕ райста балцӕг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0