Джиоты Мурæт: ирон традицион культурæйы нысан кодтой Стырбонтæ

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон бæрæгбонты къæлиндарыл хъæуы лæмбынæгдæр кусын, цæмæй дзы хицæндзинæдтæ ма уа, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта зонад-иртасæн институты кусæг, историк Джиоты Мурæт
Джиоты Мурæт: ирон традицион культурæйы нысан кодтой Стырбонтæ

Нæ республикæйы зонадон кусджытæн арæх вæййы конференцитæ. Ацы конференцитæй сæ иуы æрæджы историк Джиоты Мурæт йæ хъус æрдардта ирон бæрæгбонты къæлиндар аразгæйæ дзы кæй вæййы рæдыдтытæ.

"Мæнмæ растдæр кæсы бæрæгбонты бæсты куы дзурæм Стырбонтæ, уымæн æмæ ирон къæлиндарыл куы дзурæм, уæд уым нысан чындæуы канд цины бонтæ нæ, фæлæ мæрдты мысæн бонтæ дæр", - банысан кодта Джиоты Мурæт.

Джиоты Мурæт ма куыд загъта, уымæ гæсгæ ныхас "бæрæгбон" не ‘взаджы фæзынд 20 æнусы. Афтæ дæр ма Мурæты хъуыдымæ гæсгæ растдæр у бæрæгбæтты бæсты дзурын - бæрæгбонтæ, ома ирон æвзаджы ныхас "бæттæ", нæй.

Фæстаг рæстæджы мыхуыры цы ирон бæрæгбонты къæлиндартæ рацæуынц, уым вæййы хицæндзинæдтæ, æмæ хуымæтæг адæймаг уыдонмæ гæсгæ куы нысан кæна уыцы бонтæ, уæд гæнæн ис æмæ æсхæццæ уа. Уымæ гæсгæ къæлиндар аразгæйæ хъæуы лæмбынæгдæр бакусын æмæ аиуварс кæнын уыцы хицæндзинæдтæ.

"Ирон адæм Стырбонтæ нымадтой хур æмæ мæймæ гæсгæ, ныр афтæ нал нымайынц, æмæ уый тыххæй Стырбонты нымад райдайы зæронд Ног азæй, ома 14 январæй", - загъта Джиоты Мурæт.

Ног хабӕртты лентӕ
0