Хуссар Иры президент снысан кодта йе ‘ххӕстбарджын минӕвары парламенты

© Пресс-служба президента РЮОКуымӕридтаты Анна
Куымӕридтаты Анна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый размӕ президенты интерестӕ параменты хъахъхъӕдта Гобозты Вячеслав, кӕцыйы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй 2019 азы июны йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта Куымӕридтаты Аннайы президенты ӕххуысгӕнӕг – паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕххӕстбарджын минӕварӕй республикӕйы парламенты.

Паддзахады сӕргълӕууӕг ахӕм барамынд бафыста абон, 4 марты, хъусын кӕны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Биографион справкӕ

Куымӕридтаты Анна райгуырд 17 январы 1994 азы Цхинвалы.

2000 азы бацыд скъола "Альбион"-мӕ, кӕцы фӕцис 2011 азы иттӕгхорз нысӕнттимӕ. Уыцы аз бацыд УФ президенты дӕлбар адӕмон хӕдзарад ӕмӕ паддзахадон службӕйы фӕдыл Уӕрӕсейаг академимӕ юриспруденцийы факультетмӕ.

2013 аз райдыдта кусын консультантӕй РХИ юстицийы министрады законад ӕмӕ ӕддагон бастдзинӕдты фӕдыл дӕлхайады.

2016 фӕцис ахуыр УФ президенты дӕлбар адӕмон хӕдзарад ӕмӕ паддзахадон службӕйы фӕдыл Уӕрӕсейаг академийы ӕмӕ райста квалификаци юрист (специализаци – уголовон-барадон).

2019 азӕй ныры онг у УФ президенты дӕлбар адӕмон хӕдзарад ӕмӕ паддзахадон службӕйы фӕдыл Уӕрӕсейаг академийы магистрант.

2020 азы январӕй мартмӕ уыд РХИ юстицийы барадон ӕмӕ коррупцийы ныхмӕ экспертизӕйы дӕлхайады хистӕр.

Ис ын бинонтӕ, дыууӕ сывӕллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0