Мæргъиты Ирбег: зонадон кусæгæн йæ уацты æмбырдгонды рацыдæй æхсызгондæр ницы ис

© Sputnik / Наталья АйриянМæргъиты Ирбег
Мæргъиты Ирбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Радио Sputnik-ы эфиры Мæргъиты Ирбег радзырдта йæ чиныг "Ирон истори æмæ этнографийы фарстытæ"-йы тыххæй
Мæргъиты Ирбег: зонадон кусæгæн æхсызгон у йæ уацтæн сæрмагонд чиныг куы рацæуы, уый

Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институттæ срæвдз кодтой иумæйаг проект "Инновационные ресурсы культурного наследия Северной и Южной Осетии". Проект цыд 2014-2017 æзты. Цæгат Ирыстонæй дзы хайад райстой æртæ зонадон кусæджы, Хуссар Ирæй та дыууæйæ.

Æртæ азы дæргъы хайадисджытæ куыстой зонадон уацтыл, кæцытæ развæлгъау æрцыдысты нысангонд. Хуссар Ирыстоны зонад- иртасæн институты кусæг Мæргъиты Ирбег дæр райста хайад уыцы проекты.

"Хуссар Ирыстоны ахуырады министрады уыд зонадон грант, æмæ мын куы загътой, уæд бацин кодтон, уымæн æмæ проект бавдисгæйæ мæ уацтæн рацыдаид æмбырдгонд", - радзырдта Ирбег.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, чиныг "Ирон истори æмæ этнографийы фарстытæ"-мæ хаст æрцыдысты 11 зонадон уацы.

"Ацы зонадон уацтыл куы куыстон, уæд фылдæр пайда кодтон быдырон æрмæджытæй, ома, хицæн адæмимæ иу ныхас кодтон хистæр фæлтæрæй, стæй ма ацы темæтыл цы ахуыргæндтæ куыстой, уыдон хъуыдытæ дæр дзы бахастон, анализ сын скодтон, æмæ уыцы æрмæджыты бындурыл фыст æрцыдысты", - банысан кодта ахуыргонд.

Мæргъиты Ирбег ма куыд бафиппайдта, афтæмæй æвзонг фæлтæры æнæмæнг хъæуы ахуыр кæнын, цæмæй зоной ирон æгъдæуттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0