ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады зынгфæдисонтæ æртыццæджы тох кодтой артимæ республикæйы æппæт районты. Уагдоны къордтæн бантыст зынджы гуsрæнтæ ахуссын кæнын æмæ арт апарахfт кæнын ма руадзын, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службæйы.

Уæлвæткон уагдоны информацимæ гæсгæ, зынгфæдисонтæм сидтысты Прис, Сатихъар, Къусрет, Дменис, Уелит, Хуыцъе æмæ Бадаты хъæутæм, стæй ма Дзарцъемы полигон æмæ Цхинвалы ЦАРЗ-ы микрорайонтæм.
"Присы хъæуы уалдзыгон æфснайæн куыстыты фæстиуæгæн ссыгъд мæнгагъуыст, уый артæй байсын нæ бантыст, фæлæ зынгфæдисонты фæрцы арт нал ахызт цæрæн хæдзармæ, кæцы хæрзæввахс уыд арты гуырæнмæ", - загъта УУМ пресс-секретарь Тедеты Роза.
Уый бафтыдта, знон ма кæй ссыгъдысты республикæйы районты быдыртæ æмæ амалиуæгад дæр.
"Ӕмбæстæгты куыдфæндыйы ахаст æрдзмæ æркодта æппæт районты зынгирвæзтытæм. Быдыртæ сыгъдысты Цхинвалы районы Къусрет, Дменис æмæ Сатихъары. Знауыры районы зынгфæдисонтæ тох кодтой артимæ Уелит æмæ Бадаты. Дзауы районы зынгæй бастой хъæдфадæн цех", - ранымадта уый.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ ма зынгсирвæзт уыд столицæйы æмæ горæтгæрон районы дæр.
"Кусджытæ ахуыссын кодтой арт стыр тыгъдадыл Дзарцъемы полигоны. Ноджы ма иу къорд та ахуыссын кодта арт ЦАРЗ-ы микрорайоны, раздæры АТК-йы территориыл", - балхынцъ кодта уый.
УУМ сиды цæрджытæм, цæмæй арæхстгай архайой артимæ æмæ зынгсирвæзты рæстæджы та дзурой радгæсон службæмæ 112 номырыл.