Цхинвалы равзӕрстой ирӕтты геноциды эмблемӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы сӕрмагонд къамисы рабадтыл равзӕрстой ирӕтты геноциды эмблемӕ
Цхинвалы сӕрмагонд къамисы рабадтыл равзӕрстой ирӕтты геноциды эмблемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Эмблемӕ ӕвдисы цӕргӕсы судзгӕ базыртимӕ, куыд ирон адӕмы геноциды цӕстӕйфенӕджы

ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Ирӕтты геноциды мемориализацийы фӕдыл къамис цыппӕрӕмы рабадтыл равзӕрста ирӕтты геноциды 100-ӕм афӕдзы боны эмблемӕ.

Амӕйразмӕ къамис расидт сфӕлдыстадон конкурс 1920 ӕзты трагикон цауты 100-ӕм афӕдзы боны цытӕн эмблемӕ саразыны фæдыл. Рабадты рӕстӕджы, кӕцы ацыд президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын, къамисы уӕнгтӕ дискусситы фӕстӕ схъӕлӕс кодтой эмблемӕйыл, кӕцыйыл æвдыст цæуы цӕргӕс судзгӕ базыртимӕ. Президент йӕхӕдӕг дӕр равзӕрста ацы вариант.

© Пресс-служба президента РЮОИрӕтты геноциды эмблемӕ
Цхинвалы равзӕрстой ирӕтты геноциды эмблемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирӕтты геноциды эмблемӕ

"Мах хъуамӕ алцыдӕр саразӕм, цӕмӕй фехъусын кӕнӕм дунейы ӕхсӕнадӕн ирӕтты геноциды факттӕ. Нӕ тыхтӕ раттӕм, цӕмӕй геноцид банымайой. Эмблемӕ та хъуамӕ уа нысаниуӕгджын, цӕмӕй йӕ бахъуыды кӕной", - банысан кодта президент хъӕлӕсӕппӕрсты размӕ.

Эмблемӕйыл схъӕлӕс кодтой къамисы 28 уӕнгӕй 18.

Амӕйразмӕ къамис расидт сфӕлдыстадон конкурс 1920 ӕзты трагикон цауты 100-ӕм афӕдзы боны цытӕн эмблемӕ саразыны фæдыл. Куырдиӕтты райст куы балхынцъ, уӕд президенты пресс-службӕ бавдыста дзыллон информацион фӕрӕзтӕм цӕттӕ эскизтӕ. Абон цы эмблемӕ равзӕрстой, уый Sputnik сайтыл хъӕлӕсӕппӕрсты бацахста фыццаг бынат.

Президент цыппӕрӕмы бафыста барамынд Ирæтты геноциды амæттæгты мысæн боны фæдыл, кӕцы нысан цӕудзӕн 20 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0